Валентина Коробова бӕрӕг кӕны йӕ 100 - азы юбилей

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

день назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

день назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

день назад

Валентина Коробова — ӕнусы ’мгар. Райгуырдис 1926 азы ӕмӕ баййӕфта бирӕ историон цаутӕ. Чысылӕй фӕстӕмӕ йӕ фӕндыд адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, уымӕ гӕсгӕ равзӕрста медицинӕ. Фӕллойы ветеран йӕ 100 азы фӕдыл бирӕ арфӕтӕ райста.  «Бирӕ рӕтты уыдтӕн. Зӕгъӕм, Самарӕмӕ ацыдыстӕм ардыгӕй полкимӕ. Цардыстӕм хъӕды, хӕринаг нын хастой хъӕутӕй. Уыдыстæм Грознайы дӕр. Нӕ цард ӕнцон уыд, зӕгъгӕ, нӕй зӕгъӕн».  30 азӕй фылдӕр Валентина куыста хирургион медицинон хойӕ Дзӕуджыхъӕуы сывӕллӕтты дыккаг поликлиникӕйы. Куысты кӕддӕриддӕр уыд бӕрнон, къӕрцхъус ӕмӕ ӕнувыд. «Ӕз медицинӕ бирӕ уарзтон. Ӕдзухдӕр архайдтон искӕй сдзӕбӕх кӕныныл, барӕвдауыныл. Хъуыды ма кӕнын, ӕрбацыд мӕм сывӕллон йӕ фыдимӕ, суанг ма мӕм къам дӕр кӕмдӕр баззад. Ӕмӕ саби дзуры: „Дохтыр, баххуыс мын кӕн“. Ӕз ын дзуапп дӕттын: „Ма тыхс, ӕнӕмӕнг дын бабӕтдзынӕн дӕ цӕф, аба дын кӕндзынӕн ӕмӕ дын ахъӕбыс кӕндзынӕн æмæ нал рисдзæн“.», - Валентина Коробова, фӕллойы ветеран. Валентина фронты фӕсчъылдым иу ӕмӕ дыууӕ азы нӕ фӕкуыста. Бирӕ хабӕрттӕ йӕм ис йе ’мкусджыты ӕмӕ рынчынты тыххӕй. Фӕлӕ абон исы арфӕтӕ ӕмӕ хъарм ныхӕстӕ. Уазджытӕ йӕм ӕрбацыдысты лӕвӕрттимӕ. «Ирыстоны „хистӕр“ хуымӕтӕг дзырд нӕу. Хистӕртӕм уарзондзинад, аудындзинад, кад сын кӕнын — махмӕ хъомыл кӕнынц чысылӕй фӕстӕмӕ. Уый тыххӕй стӕм абон ам. Тагъд Мады бон у, Валентина дӕр мад у — абон йӕ цуры ис йӕ чызг. Тынг ӕхсызгон у, хорз сывӕллӕттӕ кӕй схъомыл кодта, уый».  Юбилярӕн раарфӕ кӕнынмӕ ӕрбацыдысты Адӕмон фронт, ӕхсӕнад «Русь» ӕмӕ Адӕмты хӕлардзинады хӕдзары минӕвӕрттӕ. Уыдонӕн уый фадат у сӕрмагондӕй бузныг зӕгъын, йӕ фӕллой ӕмӕ йӕ хъысмӕт адӕмӕн лӕггад кӕнынӕн чи снывонд кодта, уыцы адӕймагӕн. Валентина Коробова — ӕнусы ’мгар. Райгуырдис 1926 азы ӕмӕ баййӕфта бирӕ историон цаутӕ. Чысылӕй фӕстӕмӕ йӕ фӕндыд адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, уымӕ гӕсгӕ равзӕрста медицинӕ. Фӕллойы ветеран йӕ 100 азы фӕдыл бирӕ арфӕтӕ райста. «Бирӕ рӕтты уыдтӕн. Зӕгъӕм, Самарӕмӕ ацыдыстӕм ардыгӕй полкимӕ. Цардыстӕм хъӕды, хӕринаг нын хастой хъӕутӕй. Уыдыстæм Грознайы дӕр. Нӕ цард ӕнцон уыд, зӕгъгӕ, нӕй зӕгъӕн.», - - Валентина Коробова, фӕллойы ветеран.  30 азӕй фылдӕр Валентина куыста хирургион медицинон хойӕ Дзӕуджыхъӕуы сывӕллӕтты дыккаг поликлиникӕйы. Куысты кӕддӕриддӕр уыд бӕрнон, къӕрцхъус ӕмӕ ӕнувыд.  «Ӕз медицинӕ бирӕ уарзтон. Ӕдзухдӕр архайдтон искӕй сдзӕбӕх кӕныныл, барӕвдауыныл. Хъуыды ма кӕнын, ӕрбацыд мӕм сывӕллон йӕ фыдимӕ, суанг ма мӕм къам дӕр кӕмдӕр баззад. Ӕмӕ саби дзуры: „Дохтыр, баххуыс мын кӕн“. Ӕз ын дзуапп дӕттын: „Ма тыхс, ӕнӕмӕнг дын бабӕтдзынӕн дӕ цӕф, аба дын кӕндзынӕн ӕмӕ дын ахъӕбыс кӕндзынӕн æмæ нал рисдзæн.“», -  Валентина Коробова, фӕллойы ветеран. {ЗК} Валентина фронты фӕсчъылдым иу ӕмӕ дыууӕ азы нӕ фӕкуыста. Бирӕ хабӕрттӕ йӕм ис йе ’мкусджыты ӕмӕ рынчынты тыххӕй. Фӕлӕ абон исы арфӕтӕ ӕмӕ хъарм ныхӕстӕ. Уазджытӕ йӕм ӕрбацыдысты лӕвӕрттимӕ.  «Ирыстоны „хистӕр“ хуымӕтӕг дзырд нӕу. Хистӕртӕм уарзондзинад, аудындзинад, кад сын кӕнын — махмӕ хъомыл кӕнынц чысылӕй фӕстӕмӕ. Уый тыххӕй стӕм абон ам. Тагъд Мады бон у, Валентина дӕр мад у — абон йӕ цуры ис йӕ чызг. Тынг ӕхсызгон у, хорз сывӕллӕттӕ кӕй схъомыл кодта, уый». Юбилярӕн раарфӕ кӕнынмӕ ӕрбацыдысты Адӕмон фронт, ӕхсӕнад «Русь» ӕмӕ Адӕмты хӕлардзинады хӕдзары минӕвӕрттӕ. Уыдонӕн уый фадат у сӕрмагондӕй бузныг зӕгъын, йӕ фӕллой ӕмӕ йӕ хъысмӕт адӕмӕн лӕггад кӕнынӕн чи снывонд кодта, уыцы адӕймагӕн.

Название:

Валентина Коробова бӕрӕг кӕны йӕ 100 - азы юбилей

Категория:

Новости и СМИ