Фыдӕлты ӕгъдау хъахъхъӕнгӕйӕ, Мӕргъиты Уарзетӕ бӕгӕны фыцыны
Кӕрты сӕрмӕ фӕздӕг йӕхи уӕлӕмӕ ивазы, сугты къӕр-къӕримӕ иумӕ аджы цур райхъуысынц сабыр куывды мыртӕ. Мӕргъиты хӕдзары бӕрӕгбонмӕ цӕттӕ кӕнын райдыдтой ивгъуыд къуыри, цыппӕрӕмы. Цӕмӕй Лӕгты Дзуары кувӕнбонтӕм бӕгӕны сцӕттӕ уа, уый тыххӕй Уарзетӕ йе сфыцынмӕ рагацау бавналы. Зӕрдӕйы — рухс цин. "Адӕймаг ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цин кӕны — бӕрӕгбон ралӕууы. Цы хъӕуы, уый цӕттӕ кӕнын: бӕгӕны мӕ сфыцын хъӕуы, цыхт дӕр цӕттӕ кӕнын, халсартӕ дӕр — иууылдӕр цӕхӕрадонӕй, ӕмӕ уӕд рагацау цӕттӕ вӕййынц бӕрӕгбонмӕ", - Мæргъиты Уарзетæ, комсомольскæйы цæрæг. Фыдӕлты нуӕзт тагъд-тагъд фыцӕн нӕй — йӕ хорз ад ӕрмӕстдӕр сугты арты цур райгуыры. Фӕлӕ бӕгӕны скæныны хъуыддаг райдайы арт скӕнынӕй бирӕ раздӕр. Ӕвзаргӕ хор хъӕуы ӕрзайын кӕнын, хурмӕ йӕ бахус кӕнын ӕмӕ йӕ рассын. Уыдӕттыл Уарзетӕ фӕцахуыр чысылӕй, йӕ мады фӕллойгӕнӕг къухтӕм кӕсгӕйӕ. Чындзы куы ацыд, уӕд та йӕхӕдӕг сси рагон ӕгъдау ӕмӕ сусӕгдзинӕдтӕ хъахъхъӕнӕг. "Фыццаг-иу фыхтой сугыл ӕмӕ йӕ мах дӕр фыцӕм. Ӕз арӕх сфыцын. Ӕмӕ кӕнын зад. Мӕхи конд у. Ныхсадтон мӕнӕу, бамбӕрзтон ӕй ӕмӕ разади. Стӕй йӕ бахус кодтон ӕмӕ дзы ’рыссадтон. Ӕмӕ йӕ кӕнӕм бӕгӕныйыл зад", - Мæргъиты Уарзетæ, комсомольскæйы цæрæг. Аджы уӕлхъус алы архайдӕн дӕр ис йӕхи нысаниуӕг. Цӕмӕй нуӕзт райса арф тар хуыз, уый тыххӕй ма йӕм ӕфсин бафтауы сыгъдон. "Раздӕр-иу кодтой — куы-иу сзынг арт, уӕд-иу ӕй рабырын кодтам, ӕмӕ-иу сыгъдон уым сфыхтам. Ныр та йӕ ӕнӕуи афыцын афтӕ. Уыдон ныр ӕндӕр хабӕрттӕ сты. Ӕмӕ йӕ афтӕ ныккӕнӕм, сыгъдон", - Мæргъиты Уарзетæ, комсомольскæйы цæрæг. Ацы къӕбицы тӕразтӕ ӕмӕ барӕн мигӕнӕнтӕй нӕ пайда кӕнынц. Алцыдӕр бӕрӕг кӕны ӕфсины бирӕ азты фӕлтӕрддзинад. "Ӕз ӕй цӕстмӕ гӕсгӕ ныккӕнын. Ӕмӕ йӕ фӕзонын йӕ ведратӕм гӕсгӕ. Мӕхи цӕхӕрадоны мӕхимӕ зайы. Раздӕр та-иу ацыдтӕн хъӕдмӕ", - Мæргъиты Уарзетæ, комсомольскæйы цæрæг. Рагон заманты дӕр хъӕдӕй рацыд ацы зайӕгойы сусӕгдзинад — суанг Нарты кадджыты дӕр фыст у. Таурӕгъмӕ гӕсгӕ, иу бон Уырызмӕг хъӕды цуаны куы уыд, уӕд ауыдта иу цъиуы — хуымӕллӕджы дидинӕгӕй цалдӕр гагайы ахордта, зӕхмӕ ӕрхауд ӕмӕ фӕрасыг. Уырызмӕг ацы диссаг йӕ бинойнаг Сатанайӕн радзырдта. Зондджын ӕфсин ын бафӕдзӕхста, цӕмӕй дзы хӕдзармӕ ӕрхӕсса. Сатана хъӕбӕрхоры задӕй къуымӕл сфыхта ӕмӕ йын хуымӕллӕгӕй ӕнтуан скодта. Афтӕмӕй фӕзынд бӕгӕны ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ сси Нарты куывдты сӕйраг нуӕзт. Уыцы рагон фӕткӕй абон дӕр нӕ фӕцудыдта — бӕгӕны фыцыны алы сусӕгдзинад дӕр йӕ зӕрдыл дары Уарзетӕ. "Цалынмӕ цъар сӕвӕра, уӕдмӕ хъуамӕ фӕфыца. Стӕй йӕ бауадздзынӕн иугыццыл ӕмӕ куы ’рбада, уӕд ӕй ныффӕрсудздзынӕн. Хицӕнӕй дзы сисдзынӕн иугыццыл ӕмӕ йӕ бантаудзынӕн. Иннӕ куы ’рхъӕрмуст уа, уӕд ӕй ӕмхуызон байтаудзынӕн. Ӕмӕ фенхъиздзӕн иу дыууӕ боны ӕмӕ стӕй сӕвгӕн ӕмӕ кув, ӕмӕ кув Хуыцаумӕ дзӕбӕхӕй", - Мæргъиты Уарзетæ, комсомольскæйы цæрæг. Ирон бӕгӕныйы истори цӕуы нӕ фыдӕлтӕй — рагон алантӕй. Рагзамантӕй фӕстӕмӕ йын аргъ кодтой хуымӕтӕг нуазинагау нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕн табуйаг лӕварау — кувинагау. Суанг ма фыцыны рӕстӕг дӕр ӕфсин йӕ хъуыдыты скувы Бӕрзондылбадӕгмӕ. Раст уыцы бӕгӕныйы къусимӕ райдайдзӕн фынджы хистӕр дӕр бӕрӕгбоны куывд. Уарзетӕйӕн стыр кады хъуыддаг у ацы нуӕзт йӕхи къухӕй сфыцын. Ацы аз дӕр йӕ дӕсныйад бавдыста ӕппӕтадӕмон фестиваль-конкурс «Ирон бӕгӕны»-йы — уым ӕппӕт Ирыстоны хуыздӕр ӕфсинтӕ сӕ фӕлтӕрддзинад кӕрӕдзийӕн ӕвдыстой. "Кувинаг кӕнын хъӕуы хи хӕдзары. Ныртӕккӕ ӕлхӕнынц кӕмдӕр... Куыд кӕнынц ӕмӕ цӕмӕй — чи йын цы зоны?", - Мæргъиты Уарзетæ, комсомольскæйы цæрæг. Хи къухӕй конд нуӕзтӕн йӕ аргъ дӕр уӕлдай бӕрзонддӕр у. Кадджыты дзырдӕуы: Сатана ног нуӕзтимӕ фыццаг куывд куы скодта, уӕд уазджыты зӕрдӕтӕ йӕ арӕхстдзинадӕй барухс сты. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Ирыстоны ӕфсинӕн иууыл бӕрзонддӕр аргъ афтӕ у: «Сатанайы къухӕй цыма рацыдысты, афтӕ!». Мӕргъиты Уарзетӕйы фынгмӕ кӕсгӕйӕ ӕмбарыс, уыцы ныхӕсты аккаг кӕй у, уый. Фынгыл — ӕртӕ табуйаг чъирийы, насджынтӕ, цӕхджынтӕ, сау бӕгӕны. Сӕйрагдӕр та — дзыкка. Уарзетӕ нын йӕ уӕлдай сбуц кӕныны тыххӕй акодта. "Куыд уӕ ауадзон афтӕмӕй? Горӕтӕй ардӕм ӕрцыдыстут ӕмӕ афтӕ зӕгъдзыстут, уыцы ус нын дзыкка не скодта. Ай дзӕбӕхӕй йӕ бахӕрат!", - Мæргъиты Уарзетæ, комсомольскæйы цæрæг. Аджы сӕрмӕ фӕздӕджы, гыццийы сусӕг фӕткы ӕмӕ фынджы уӕлхъус кувгӕйӕ цӕры удӕгас бастдзинад Нарты кадджытӕ ӕмӕ нӕ рӕстӕджы ’хсӕн. Фӕлӕ бӕгӕныйы сӕйраг сусӕгдзинад раргом вӕййы, хӕдзармӕ ӕппӕты ӕввахсдӕр адӕм куы ’рцӕуынц, уӕд. "Цин фӕкӕны, ӕнхъӕлмӕ фӕкӕсы. Цот ӕрцӕуынц. Фенхъӕлмӕ кӕсынц уыдон дӕр. Хъӕлдзӕг бадт фӕкӕнӕм дзӕбӕхӕй", - Мæргъиты Уарзетæ, комсомольскæйы цæрæг. Ацы уысмты сӕраппонд Уарзетӕ хӕдзары артдзӕст ссудзы, хор ӕрзайын кӕны ӕмӕ Мӕргъиты хӕдзары кувгӕ-кувын сисынц сау бӕгӕныйы къус. Цалынмӕ ахӕм ӕфсинтӕ уа, уӕдмӕ фыдӕлты рагон таурӕгътӕ чингуыты сыфты нӕ цӕрдзысты, фӕлӕ алы хӕдзар дӕр хъарм кӕндзысты бӕрӕгбӕтты рухс бонты. Фатима Дзадзоева
Название:
Фыдӕлты ӕгъдау хъахъхъӕнгӕйӕ, Мӕргъиты Уарзетӕ бӕгӕны фыцыны
Категория:
Новости и СМИ