Дзӕуджыхъӕуы 4-ӕм поликлиникӕйы бындуронӕй цалцӕг кӕнынц сылгоймӕгты консультацийы хайад
Дзӕуджыхъӕуы 4-ӕм поликлиникӕйы сылгоймӕгты консультаци кусы 50 азӕй фылдӕр. Уӕдӕй нырмӕ дзы дохтырты ӕмӕ пациентты иу ӕмӕ дыууӕ фӕлтӕры нӕ раивта, фӕлӕ хайад бирӕ азты дӕргъы домдта егъау рацарӕзт. Ныр ӕй фыццаг хатт бындуронӕй цалцӕг кӕнынц. «Нӕ консультаци кусы 1972-ӕм азӕй. Ома ацы дзӕбӕхгӕнӕндон куы фӕзынд, уӕдӕй нырмӕ дзы ис сылгоймӕгты консультаци дӕр. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу ӕм зылдыстӕм, цӕмӕй дзы ӕмбӕлгӕ уавӕртӕ уа. Ӕмӕ ныр кӕдӕй-уӕдӕй ам цӕуы бындурон цалцӕг», - Борӕдзаты Маринӕ, Дзӕуджыхъӕуы 4-ӕм поликлиникӕйы сылгоймӕгты консультацийы дыккаг филиалы разамонӕг. Куыстытӕ ӕххӕссынц 30 агъуыстӕй фылдӕрыл: дохтырты кабинеттӕ, процедурон ӕмӕ административон уаттӕ. Ныридӕгӕн байсӕрстой къултӕ, сӕвӕрдтой керамогранит, кӕнынц аивгӕнӕн куыстытӕ. Хъӕуы дуӕрттӕ баивын дӕр. «Консультацийы баивтой ӕппӕт коммуникацитӕ, ныр сӕрдынц къултӕ, цалцӕг кӕнынц разуынд, ноджы ма ӕвӕрынц кондиционертӕ, вентиляцийы системӕ. Цалцӕджы фӕстӕ нӕм алцыдӕр уыдзӕн домӕнтӕм гӕсгӕ», - Борӕдзаты Маринӕ, Дзӕуджыхъӕуы 4-ӕм поликлиникӕйы сылгоймӕгты консультацийы дыккаг филиалы разамонӕг. Фыццаджыдӕр сног кодтой инженерон инфраструктурӕ. Ӕнӕхъӕнӕй баивтой электроӕввонгад, рухс, канализаци донуадзæн ӕмӕ хъармгӕнӕн системӕтӕ. Уымӕй уӕлдай бауагътой ног вентиляци — уый хъӕуы медицинон кусӕнгӕрзты ӕнӕрлӕугӕ куыстӕн. «Куыстыты фылдӕр хай кӕронмӕ ’рхӕццӕ, коммуникацитӕ ӕвӕрд сты, пъолтӕ ӕмӕ цар дӕр — цӕттӕ. Ныридӕгӕн ма аразӕм разуынд ӕмӕ кӕнӕм аивгӕнӕн куыстытӕ. Хӕстӕгдӕр рӕстӕг уыдон дӕр фӕуыдзысты. Алцыдӕр конд у нырыккон домӕнтӕм гӕсгӕ, хъыгдард ӕнӕниздзинадимӕ адӕмӕн ӕнцонвадат уавӕртимӕ», - Тайсауты Тамерлан, куыстытӕ ӕххӕстгӕнӕг. Бӕстыхайӕн ӕрмӕст йӕ ӕддаг бакаст нӕ баивдзӕн, рацараздзысты йӕ алыварс территори, сӕвӕрдзысты зынгсирвӕзты сигнализаци ӕмӕ видеоцӕстдарды системӕ. «Пъланмӕ гӕсгӕ нын бирӕ нал баззад. Хъӕуы ма бӕстыхайы уӕллаг хайы цавӕрдӕр куыстытӕ фӕуын, карнизтӕ ӕмӕ рудзгуытӕ сӕвӕрын. Алцыдӕр нын афойнадыл ӕрбаласынц, алцыдӕр нӕм ис. Боныхъӕды уавӕртӕ нӕ нӕ хъыгдарынц. Ӕмӕ мӕнмӕ гӕсгӕ, мӕйы кӕронмӕ объект фӕуыдзыстӕм», - Хъарданты Аслӕмырза, реставратор, дур ӕвӕрыны дӕсны. Куыстытӕн радих кодтой 50 милуан сомӕй фылдӕр. Бындурон цалцӕг цӕуы национ проект «Дӕргъӕтин ӕмӕ уӕнгрог цард»-ы фӕлгӕты. Фӕуын фӕнд кӕнынц декабры кӕронмӕ. Рацарӕзты фӕстӕ сылгоймӕгты консультацийы пациенттӕн уыдзӕн нырыккон ӕмӕ ӕнцонвадат уавӕртӕ. Алана Савлаева
Название:
Дзӕуджыхъӕуы 4-ӕм поликлиникӕйы бындуронӕй цалцӕг кӕнынц сылгоймӕгты консультацийы хайад
Категория:
Новости и СМИ