Едзиты Андрей радзырдта Уастырджийы тыххӕй рагон таурӕгътӕ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

24 просмотра

3 дня назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

24 просмотра

3 дня назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

24 просмотра

3 дня назад

Лӕгты Дзуары кувӕн къуыри — арфӕтӕ, рагон таурӕгътӕ ӕмӕ куывдты рӕстӕг — нӕлгоймӕгты ӕмӕ бӕлццӕтты бардуаджы номыл. Урсхохы ӕфцӕджы фӕсте, Ходы хъӕуы сӕрмӕ, мигъты хъӕбысы ӕмбӕхст у рагон кувӕндон. Йӕ фӕзынды афон ничиуал хъуыды кӕны — ивгъуыд ӕнусы дӕр ма йӕ дурты ’хсӕн фенӕн уыд саджы сыкъатӕ, стӕй дзы ӕрттывтой фаты бырынчъытӕ. Фӕлӕ ацы бынаты сӕйраг хӕзна йӕ мысинӕгтӕ сты. Мызуйраг таурӕгъгӕнӕг Едзиты Андрей сабибонтӕй йӕ зӕрдыл дары Чекойты мыггаджы хабар: уӕззау низ гыццыл лӕппуйӕн байста йӕ цӕстыты рухс, йӕ къӕхты хъару ӕмӕ йӕ хъӕлӕс. Бинонтӕ кувӕндонмӕ гал акодтой, сабийы та хохмӕ уӕрдоныл сластой. Фӕлӕ, хистӕр куыд дзуры, афтӕмӕй Лӕгты Дзуар канд сӕрылхӕцӕг нӕу, фӕлӕ карз тӕрхонгӕнӕг дӕр у — сыгъдӕг бынаты фыдмитӕ чи нӕ хатыр кӕны, ахӕм. Советон дуджы райдианы, Ходӕй быдырмӕ, Сындзыхъӕумӕ, адӕм куы ралыгъдысты, уӕд дыууӕ бӕлццоны кувӕндоны цурты фӕцӕйцыдысты. Сӕ иу, милиционер, йе ’мбалы лӕгъстӕтӕм нӕ байхъуыста ӕмӕ кувӕндонӕй мысайнӕгтӕ рахаста. Йе ’мбӕлццон фыртӕссӕй уӕларвон тыхтӕй искӕй тӕригъӕдӕн хатыр курынмӕ фӕци, аххосджын та ӕрмӕст йӕ къух ауыгъта, уыдон «мӕнгуырнындзинӕдтӕ» сты, зӕгъгӕ. Уӕвгӕ, зӕрдӕбын фӕсмоны бон у тӕккӕ карздӕр ӕфхӕрд дӕр бауромын. Комы цӕрджытӕй иу та ма сабибонты ӕнӕзонгӕйӕ кувӕндонӕй ӕхца райста. Уыцы рӕдыд йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд ӕрмӕстдӕр бирӕ азты фӕстӕ — Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг уазал акъоппы. Райсомӕй та — атакӕ. Хӕстонӕн знаджы нӕмыг йӕ иу русӕй бахызт ӕмӕ иннӕмӕй рацыд — иу дӕндаг дӕр дзы нӕ асаст. Ӕмӕ, зӕгъы, цалынмӕ тох фӕци, уӕдмӕ цъӕррӕмыхст дӕр нал фӕци — афтӕмӕй сӕрӕгасӕй аирвӕзт. Едзиты Андрей ногӕй зӕрдыл ӕрлӕууын кодта бӕрӕгбоны сӕйрагдӕр ӕгъдӕуттӕ. Кувӕндонмӕ цӕуын хъӕуы ӕрмӕстдӕр сыгъдӕг зӕрдӕимӕ, кувӕг лӕг та хъуамӕ иннӕтӕн дӕр, йӕхи хуызӕн, хорздзинад ӕмӕ амонд кура. Уымӕй къаддӕр ахсджиаг не сты ком дарын бӕрӕгбоны размӕ дӕр ӕмӕ йӕ рӕстӕджы дӕр, стӕй ӕлхӕнгӕ чъиритӕ ӕмӕ дзидза нӕ, фӕлӕ хӕдзары зӕрдӕбын куывд ӕмӕ сыгъдӕг хъуыдытимӕ конд хӕринӕгтӕ.

Название:

Едзиты Андрей радзырдта Уастырджийы тыххӕй рагон таурӕгътӕ

Категория:

Новости и СМИ