Цæгат Ирыстоны паддзахадон базарадон-экономикон колледжы бæрæг кæнынц Уастырджимæ кувæн къуыри
Ахуыргæнæндоны къæбицы сæ бæркад не вгъау кæнынц ацы бонты. Хистæрæй-кæстæрмæ зæрдиагæй цæттæ кæнынц дзадджын фынгтæ. Ахуыргæнджытæ амонынц ирон чъиритæ кæнын, æргом кæнынц æппæт лыстæгдзинæдтæ. Фæсивæд сæм лæмбынæг хъусынц, сæ амынддзинæдтæ сын æххæст кæнынц. Æнахъомтæ йæ хорз æмбарынц, фыдæлты æгъдæуттыл æнувыд уæвын, куыд ахсджиаг у, уый. Ам алы хæрианг дæр конд æрцыд зæрдæйы хъармимæ. Ирон чъиритæ, бæгæны, дзыкка. Æнæхъæн къуыри ахуыргæнæндоны арæзт цæудзысты алыхуызон ерыстæ – хæринаг кæнынæй, кувынæй æмæ ирон фынджы æгъдæуттæ зонынæй. Мадзæлтты сæйрагдæр нысантæй иу у – ирон æгъдæуттæ бахъахъхъæнын æмæ сæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ хæццæ кæнын. Афæдзæй-афæдзмæ кæстæрты æрбангом кæны Ирыстоны кадджынæр бæрæгбон. Колледжмæ фæхонынц бирæ уазджытæ. Сфæлдыстадон къордтæ бацæттæ кæнынц сфæлдыстадон номыртæ, суанг ма фæархайынц "Нæртон хъæзтыты" дæр. Фидарæй зæгъæн ис, æмæ ацы ахуыргæнæндоны фыдæлты æгъдæуттæ зæрдиагæй хъахъхъæнынц, æмæ сæ архайынц рæзгæ фæлтæрмæ хæццæ кæныныл. Ацы къуыри алы ирон бинонтæ дæр сæхи цæттæ кæндзысты тынг зæрдиагæй. Хистæртæ кувдзысты Хуыцаумæ. Кæстæртæн курдзысты расугъд фидæн. Цæгат Ирыстоны паддзахадон-базарадон колледжы фæсивæдимæ нæ райсом бон, æнæмæнг уыдзæн бæллиццаг. Алана Савлаева
Название:
Цæгат Ирыстоны паддзахадон базарадон-экономикон колледжы бæрæг кæнынц Уастырджимæ кувæн къуыри
Категория:
Новости и СМИ