Абон Уӕрӕсейы бӕрӕг кӕнынц Денджызон фистӕгӕфсады бон — ӕххӕст ыл кӕны 321 аз.
Абон Уӕрӕсейы бӕрӕг кӕнынц Денджызон фистӕгӕфсады бон — ӕххӕст ыл кӕны 321 аз. Ӕфсӕддонтӕн ӕмӕ ветерантӕн раарфӕ кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло. Куыд бафиппайдта, афтӕмӕй «сау береттӕ» кӕддӕриддӕр сты тыхджын удыхъӕд æмæ лæгдзинады дӕнцӕг — цыфӕнды уавӕры дӕр ӕххуысмӕ цӕттӕ. Регионы разамонӕг бафтыдта, ацы бӕрӕгбон йӕхи царды дӕр уӕлдай бынат кӕй ахсы. Денджызон фистӕгӕфсӕддонтимӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм кæй æххӕст кодта бӕстӕйы арӕнтӕ хъахъхъӕныны хӕстӕ. «Арфӕ кӕнын, денджызон фистӕгӕфсады абон чи службӕ кӕны, уыдонӕн ӕмӕ йын йӕ царды азтӕ чи снывонд кодта, уыцы ветерантӕн. Бузныг уӕ лӕггад, ардбахӕрд ӕмӕ фидар хӕстон ӕфсымӕрдзинады тыххӕй», — бафтыдта Сергей Меняйло.
Название:
Абон Уӕрӕсейы бӕрӕг кӕнынц Денджызон фистӕгӕфсады бон — ӕххӕст ыл кӕны 321 аз.
Категория:
Новости и СМИ