Ирыстоны адæмæн уæлдай кадджындæр бæрæгбон Джеоргуыбайы фæдыл арфæ ракодта Тускъаты Таймураз
Ирыстоны адæмæн уæлдай кадджындæр æмæ нымаддæр бæрæгбон Джеоргуыбайы фæдыл арфæ ракодта Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз. Куыд фæнысан кодта афтæмæй, ацы бæрæгбон сæдæгай азты бæтты фæлтæртæ, иу кæны Ирыстоны цы бирæ адæмтæ цæры, уыдоны. Ацы нымад бонтæ ма иу хатт æвдисæн сты нæ удварны хæзнатæн — нæ иудзинадæн, райгуырæн зæхмæ уарзондзинадæн, хистæртæн æмæ кæрæдзийæн аргъ кæнынæн, - загъта Тускъаты Таймураз.
Название:
Ирыстоны адæмæн уæлдай кадджындæр бæрæгбон Джеоргуыбайы фæдыл арфæ ракодта Тускъаты Таймураз
Категория:
Новости и СМИ