Хайаты Астан сси Мыстулаты Иринӕйы номыл фӕндырдзӕгъдджыты ӕппӕтадӕмон конкурсы гран-прийы уӕлахиздз
Музыкалон карьерӕмӕ Хайаты Астан бӕллы суанг сывӕллӕтты рӕвдауӕндонӕй фӕстӕмӕ. Ӕдзух цӕгъды фӕндырӕй. Ныртӕккӕ йыл 8 азы цӕуы ӕмӕ ахуыртӕм цӕуы афӕдзы бӕрц. Ӕрӕджы дӕр ма-иу урокты фӕстӕ культурӕйы хӕдзары баззад репетицитӕ кӕнынмӕ. Фӕлӕ ныр Астанӕн ис йӕхи фӕндыр. Ӕвзонг музыкант райста Мыстулаты Иринӕйы номыл ӕппӕтадӕмон конкурсы гран-при. Чысыл хъӕуӕн ацы уӕлахиз сси ӕцӕг цау. Уӕвгӕ, культурӕйы хӕдзары куыд зӕгъынц, афтӕмӕй цыбыр ӕмгъуыдмӕ лӕппуйы къухы бафтыд стыр ӕнтыстдзинӕдтӕ. Ахуыргӕнӕг ын ӕппӕлы йӕ зӕрдӕргъӕвддзинад, бӕрнондзинад ӕмӕ ног мелодитӕ тагъд ахуыр кӕныны арӕхстдзинадӕй. Сӕйрагдӕр та — бӕрӕг у, Астан музыкӕ кӕй уарзы. Мыстулаты Иринӕйы номыл конкурс ацы аз рацыд ӕппӕтадӕмон ӕмвӕзадмӕ. 3 бонмӕ сценӕмӕ рахызт 350 архайӕгӕй фылдӕр. Уыдон уыдысты солисттӕ ӕмӕ ансамбльтӕ Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстон, Абхаз, Цӕгат Кавказы республикӕтӕ, Мӕскуы ӕмӕ Бетъырбухӕй. Ӕвзонг музыкантӕн разӕй ис ног фӕлварӕнтӕ. Тагъд ацӕудзӕн конкурсмӕ Железноводскмӕ, ацы хатт — йӕхи фӕндыримӕ. Астанӕн уый хуымӕтӕджы хӕрзиуӕг нӕу, фӕлӕ тыхджын разӕнгардгӕнӕг у дарддӕр архайынмӕ, стыр сценӕмӕ рацӕуынмӕ ӕмӕ ног бӕрзӕндтӕм тырнынмӕ
Название:
Хайаты Астан сси Мыстулаты Иринӕйы номыл фӕндырдзӕгъдджыты ӕппӕтадӕмон конкурсы гран-прийы уӕлахиздз
Категория:
Новости и СМИ